Республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны, ирон æвзаг æмæ литературæйы кадджын бæрæгбоны номыл æнтыстджынæй арæзт æрцыд республикон æркаст-конкурс "Аивады уидæгтæ".
Кадджын жюрийы уæнгтæ стыр аргъ скодтой нæ рæзгæ фæлтæры бирæвæрсыг курдиатæн, сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджыты фæзминаг архайдæн. Ахуырад æмæ наукæйы министрады, национ ахуырад æмæ паддзахадон политикæйы хæстæ æххæстгæнæг хайады сæргълæууæг Нæхъуысаты Иринæ, æппæтдунеон æхсæнадæн змæлд "Иры Стыр Ныхас"- ы сæргълæууæджы хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, ныхасы сылгоймæгты комитеты сæргълæууæг Махъоты Иринæ, журнал "Ногдзау"-ы сæйраг редактор Сæлбиты Дианæ, лæмбынæг æрдзырдтой ахуырдзаутимæ хъомыладон фарстаты ахадындзинады тыххæй.
Уæлахиздзаутæн скодтой лæвæрттæ.
Ахуыргæнджытæ, уæлахиздзайтæ æмæ æппæт архайджытæн дæр снысан кодтой дипломтæ, кады гæххæтытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрдтæ.